Location via proxy:   [ UP ]  
[Report a bug]   [Manage cookies]                
Перейти к содержанию

Никарагуæ (цад)

11°37′00″ с. ш. 85°21′00″ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Никарагуæ
исп. Lago de Nicaragua
Морфометри
Абсолютон бæрзæнд32 м
Фæзуат8157 км²
Гуырахст108 км³
Стырдæр арф70 м
Астæуккаг арф13 м
Бассейн
Бассейны фæзуат23 844 км²
Æфтæг цæугæдонТипитапæ
Ракæлæг цæугæдонСан-Хуан
Ран
11°37′00″ с. ш. 85°21′00″ з. д.HGЯO
Бæстæ
ДепартаменттæБоако, Чонталес, Рио-Сан-Хуан, Ривас, Гранадæ
Никарагуæ
Никарагуæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Никара́гуæ (исп. Lago de Nicaragua, Lago Cocibolca, Mar Dulce, Gran Lago, Gran Lago Dulce, кæнæ Lago de Granada) у паддзахад Никарагуæйы тæккæ стырдæр æдзæхх цад.

Йæ равзæрдæн ис тектоникон аххосаг. Йæ фæзуат у 8264 кв. км, æмæ уымæ гæсгæ у Латинаг Америкæйы дыккаг стырдæр цад (фыццаг у цад Титикакæ). Дунейы цадтæй та, йæ фæзуатмæ гæсгæ, ахсы 20-æм бынат. Никарагуæ цæугæдон Типитапæйы фæрцы баст у цад Манагуæимæ.

Никарагуæ у дунейы иунæг ахæм æдзæхх цад, акулæтæ кæм цæры. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ацы факт æвдисы, раздæр цад денджызы бакæлæн кæй уыди, цалынмæ тектоникон архайд нæ сарæзта, фурдæй йæ чи фæхицæн кодта, уыцы Сабырфурдон быдыр.

Никарагуæйæгтæ йæ хонынц Lago Cocibolca кæнæ Mar Dulce (ома Адджын денджыз). Æмæ æцæгæйдæр денджызæй хъауджыдæр у æрмæст уымæй æмæ йæ дон æдзæхх кæй у, стæй цæугæдонæй фурдимæ баст кæй нæу. Денджызау цады дæр вæййы, скæсæйнаг дымгæтæ кæй сыстын кæнынц, ахæм тыхджын уылæнтæ. Цады ис цалдæр чысыл архипеладжы, зæгъæм, Ометепе (Ometepe) æмæ Солентинаме (Solentiname). Рæстæгæй-рæстæгмæ цады вæййы тыхджын уаддымгæтæ.

Цад баст у Карибы денджызимæ цæугæдон Сан-Хуанæй, æмæ уый тыххæй цадгæрон чи æрбынат кодта, уыцы сахар Гранадæйы ис нымайæн атлантикон портыл, кæд æмæ йæхæдæг Сабыр фурдмæ хæстæгдæр у.

Раджы заман цады архайдтой пираттæ дæр.