Location via proxy:   [ UP ]  
[Report a bug]   [Manage cookies]                
Перейти к содержанию

Бенвенист, Эмиль

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эмиль Бенвенист
фр. Émile Benveniste
Райгуырды датæ 1902-æм азы 27 майы(1902-05-27)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1976-æм азы 3 октябры(1976-10-03)[1][3][…] (74 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз æвзагзонынад
Куысты бынат
Альма-матер
Хорзæхтæ æмæ премитæ

Эмиль Бенвенист (фр. Émile Benveniste; райгуырдис 1902-æм азы 27 мартъийы Алеппойы — амардис 1976-æм азы 3 мартъийы Парижы) уыдис францаг лингвист, XX æнусы зынгæдæр æвзагзонджытæй иу. Индоевропеистикæ, лексикон æмæ грамматикон семантикæ, æвзаджы иумæйаг теори, типологийы тыххæй кустыты автор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Эмиль Бенвенист райгуырдис Алеппойы сахары (уæды заман уыдис Османты империйы сконды) сефардаг уидæгтæ кæмæн уыдис, уыцы дзуттаг бинонты ’хсæн. Эмилы фыды фæндыдис цæмæй йæ фырт суыдаид раввин, æмæ хæрзхъæд динон ахуырад райсынæн арвыста йæ Марсельмæ. Уым лæппу базонгæ ис зынгæ лингвист-индолог Сильван Левиимæ æмæ уый рекомендацимæ гæсгæ араст ис ахуыр кæнынмæ Парижмæ.

1918-æм азы ноябры (Фыццаг дунеон хæст куы фæци, уæд) хъусын райдыдта Парижы Уæлдæр иртасæн куыстыты институты профессор, номдзыд лингвист Антуан Мейейы лекцитæм. Мейе дардуынаг уыд æмæ йæ цæст уайтагъд æрæвæрдта ног курдиатджын студентыл. Афæдзы фæстæ йæ æрвылазон хыгъдлæвæрды ныффыста:

«

Сæрмагондæй зæгъын хъæуы Бенвенисты тыххæй, уый лингвистикæйæн фæуыдзæни хорз ахъаз.

»

1922–1923 азты хыгъдлæвæрды та хъусын кæны, Бенвенист, дам, дипломон куыст бахъахъхъæдта согъдаг æвзаджы иу хайæ, Готьойæн раиртасын чи нæ бантыстис, уымæй. Ныхас цæуы, «Согъдаг грамматикæйы тыххæй этюд», зæгъгæ, уымæн йæ дыккаг томыл — ахъаззаг куыст у, Бенвенист кæронмæ ахæццæ кодта номдзыд иранист Ренэ Готьойы фыдæбон (ахуыргонд йæхæдæг фæмардис Фыццаг дунеон хæсты). Профессор Антуан Мейейы разамындæй студент, стæй та аспирант æмæ кандидат Эмиль Бенвенист иранистикæ æмæ абаргæ грамматикæ ахуыр кодта 1926 азы онг. Уый фæстæ аз, йæ æфсæддон хæс куы ахицæн кодта, уæд ссис Уæлдæр иртасæн куыстыты институты кафедрæйы сæргълæууæг. Ацы бынат ын ныууагъта Антуан Мейе. 1937 азы Бенвенисты равзæрстой «Колледж де Франс»-ы профессорæй. Уæдмæ йæ уарзон ахуыргæнæг Антуан Мейе æгас нал уыд (амардис афæдз раздæр). Кафедрæйы сæргъы Бенвенист фæцис, цалынмæ йæ æвирхъау низ не ’рцахста, уæдмæ: 1969 азы йæ æндзыгниз ныццавта æмæ фезмæлынхъом дæр нал уыди æмæ дзурынхъом дæр.

Парижы Лингвистон æхсæнады æмæ Азиаг æхсæнады раздæры фыццаг нымæрдар, бирæ бæстæты академиты æмæ æхсæнадты кадджын уæнг профессор Эмиль Бенвенист амардис Версалы 1976-æм азы 3 октябры, авд азы дæргъы æгомыг фæуæвгæйæ æмæ стыр хъизæмæрттæ февзаргæйæ.

Хайбавæрд зонадмæ

[ивын | Бындур ивын]

Кæд зонады алы къабæзты удуæлдайæ фæкуыста, уæддæр Эмиль Бенвенист фыццаджы-фыццаг уыдис номдзыд иранист æмæ ирайнаг (стæй индоирайнаг) æвзагзонынады дæсны. Йæ куыстыты егъау номхыгъды ахадгæ бынат ахсынц иранистикæимæ баст уацтæ, чингуытæ. Ирайнаг темæ йæ удæн уæлдай адджын кæй уыд, уый бæрæг дары йæ цардвæндагыл кæрæй-кæронмæ. Йæ фыццаг чиныг дæр согъдаг æвзаджы тыххæй хуымæтæджы нæ ныффыста. Уый фæстæ фæзындысты æндæр куыстытæ дæр, уыдонæн сæ бæллиццагдæртæй иу — «Ирон æвзаджы тыххæй очерктæ» (1959). Автор иттæг хорз зоны, цæй тыххæй фыссы, уый, æвзары йæ лыстæггай, биноныгæй. Æмæ скифты, сæрмæтты, аланты æмæ Евразийы иннæ ирайнаг цæугæцардгæнæг адæмты бынтæ чи иртасы, уыцы ахуыргæндты дисы æфтауынц Бенвенисты бирæ зонæнтæ.

Йæ ацы кустæн стыр аргъ скодта зындгонд æвзагзонæг Абайты Васо дæр[6]:

«

Парижы Лингвистон æхсæнад цы монографиты сери уадзы, уыдонæй иу у профессор Эмиль Бенвенисты куыст „Ирон æвзаджы тыххæй очерктæ“. Г. Гюбшманы зындгонд чиныг „Etymologie und Lautlehre der ossetischen Sprache“-ы (Strassburg, 1887) фæстæ, ацы чиныг у, ирон æвзаджы тыххæй фæсарæнты чи рацыдис, уыдонæн сæ тæккæ ахадгæдæр. <…> Ирайнаг æмæ индоевропæйаг æвзæгты дæсны Э. Бенвенист ирон æвзагмæ йæ хъус кæм æрдардта, уым æм рагацау бирæ цæмæдæрты æнхъæлмæгæсæн уыд. Æмæ фыдæнхъæл нæ фестæм. Г. Бейли æмæ Н. Гершевичы уацты куыд у, афтæ Э. Бенвенисты чиныджы дæр ис бирæ ахъаззаг æрмæг ирон æвзаджы историон фонетикæ æмæ этимологийæ. <…> Э. Бенвенисты чиныг... у стыр аргъ скæныны аккаг. Уый æвдисы ирайнаг æвзæгтæн сæ цымыдисагдæртæй иу раиртасыны хъуыддаджы ног этап.

»

Ацы чиныг (стæй канд ацы чиныг нæ — «Согъдаг æвзаджы грамматикæйы тыххæй этюд» куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ иудадзыг йæ хъус дардта ирон æвзагмæ) стыр ахъаз фæци ирон адæмы æвзаджы истори, рагон культурæ æмæ мифологи иртасыны хъуыддаджы.

Сæйраг куыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Problèmes de linguistique générale, 1, 1966; 2, 1974.
  • Le vocabulaire des institutions indo-européennes, t. 1-2, 1969.

Уырыссаг тæлмацтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Бенвенист. Э. Классификация языков
  • Индоевропейское именное словообразование. М., 1955.
  • Очерки по осетинскому языку. М., 1965.
  • Общая лингвистика. М., 1974.
  • Словарь индоевропейских социальных терминов. М., 1995.
  • Индоевропейское именное словообразование. Изд.2. УРСС. 2004.
  • Общая лингвистика. Изд.3. УРСС. 2009.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Émile Benveniste // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  2. Архив изобразительного искусства — 2003.
  3. Brozović D., Ladan T. Émile Benveniste // Hrvatska enciklopedija (хорв.)LZMK, 1999. — 9272 ф.
  4. 4,0 4,1 Свидетельство о смерти — Ф. 7.
  5. Список профессоров Коллеж де Франс
  6. Журнал «Мах дуг», 2002, №12