Location via proxy:   [ UP ]  
[Report a bug]   [Manage cookies]                
Перейти к содержанию

Тадж-Махал

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тадж-Махал

Тадж-Махал (хинди ताज महल, англ. Taj Mahal) у мавзолей-мæзджыт Индийы сахар Агрæйы, Джамнæйы цæугæдоны былгæрон. Сарæзтæуыд Стыр Моголты император Сах-Джаханы бардзырдмæ гæсгæ, аргæ-арын чи амардис, йæ уыцы ус Мумтаз-Махалы ном ссарынæн. Фæстæдæр ам ныгæд æрцыдис Сах-Джахан йæхæдæг дæр.

Тадж-Махал («Тадж» дæр æй хонынц) нымад у архитектурон стиль Мугалы хуыздæр дæнцæгыл. Ацы стилы баиу сты персайнаг, индиаг æмæ пысылмон архитектурæйы æууæлтæ. 1983-æм азы Тадж-Махал ссис ЮНЕСКО-йы Æппæтдунеон исбоны объект («Индийы цы пысылмон аивадон дзындзытæ ис æмæ æгас дунейы зæрдæскъæфт чи кæны, уыцы шедевртæй иу»).

Кæд æмæ мавзолейы урс мармæрæй конд купол у йæ тæккæ зындгонддæр компенент, уæддæр Тадж-Махал структурон æгъдауæй у иууон комплекс. Агъуыст райдыдтой аразын 1632-æм азы æмæ 1653-æм азы уыдис цæттæ. Йæ аразыныл куыстой мингай аразджытæ æмæ æрмгусджытæ. Арæзтадæн разамынд лæвæрдта, императоры контролы бын чи уыдис, уыцы Ахитекторты совет. Йе сконды уыдысты Абд уль-Карим Мамур Хана, Макрамат Хана æмæ Устад Ахмад Лахаури. Фылдæр историографион ратæдзæнты сæйраг дизайнерæй нымад у Лахаури.

Мавзолейы мидæг æвæрд ис дыууæ зæппадзы — сахы æмæ йæ усы мардæвæрæнтæ. Æцæг, сæ дыууæ дæр ныгæд сты, зæппæдзтæ кæм сты, уым, æрмæст зæххы бын. Тадж-Махал у фондзкуполджын амаддзаг, 74 метры бæрзæндæн (æд платформæ), йæ æппæт къуымты ис фæйнæ иу дзылаты.